ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн бадзырд 2022-2025 æзтæн республикæйы социалон-экономикон райрæзты паддзахадон нывæзты реализацийæн ахъаз кæныны фæдыл бафыстæуыд цыппæрæмы Мæскуыйы. Документыл сæ къухфысттæ æрæвæрдтой Хуссар Иры вице-премьер, экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат æмæ УФ экономикон райрæзты министр Максим Решетников, хъусын кæны РХИ президент æмæ хицауады пресс-службæ.
"Мах бафыстам ног бадзырд, кæцыйы бындурыл ис æрмæст хицæн фарстытæ скъуыддзаг кæнын нæ, фæлæ комплексон, системон ахаст. Ахсджиаг у, кæй йæм бафтыдтам къорд мадзалы, кæцытæ здæхт сты комкоммæдæр экономикон райрæзт æмæ бизнес райтынг кæнынмæ. Фæнд кæнæм ацы бадзырды базæйыл дарддæр дæр фидар кæнын республикæйы экономикон бындур, фылдæр кæнын нæхи æфтиæгтæ", - загъта журналисттæн уæрæсейаг министр бафысты церемонийы фæстæ.
Тадтаты Дзамболат дæр банысан кодта бафыстгонд документы ахсджиаг нысаниуæг æмæ бузныг загъта уæрæсейаг фарсæн сæ æппынæдзух æххуысы тыххæй.
"Хуссар Ирыстонæн уый у ноджы иу къахдзæф интеграцимæ йæ стратегион партнер - Уæрæсеимæ", - бахахх кодта уый.
Уæрæсе æмæ Хуссар Ир бафыстой бадзырд республикæйы социалон-экономикон райрæзты фæдыл
© Пресс-служба правительства Южной Осетии
Бадзырд рагхыгъд кæны Уæрæсейы рдыгæй финансон æххуыс Хуссар Ирыстонæн экономикæйы къабæзты райрæзтæн, сæ нымæцы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызды этапон фæфылдæр, мидхъуыддæгты органты материалон-техникон ифтонгады, МХМ кусджыты фиддонтæ æмæ социалон гарантиты фæфылдæр æмæ къорд æндæр фарсты.