"Цард фервӕзын кӕныны тыххӕй": Хуссар Иры УУМ схорзӕхджын кодтой кусджыты ӕмӕ бархионты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады схорзӕхджын кодтой хисӕрмагонд сконды, афтӕ ма тыхон структурӕты минӕвӕртты ӕмӕ бархионты, кӕцытӕ хайад истой алыгъуызон ирвӕзынгӕнӕн операциты. Уый тыххӕй майрӕмбоны хъусын кӕны уӕлвӕткон уагдоны пресс-службӕ.
УУМ бамбарын кодтой, майдантӕ "Цард фервӕзын кӕныны тыххӕй" ӕмӕ грамотӕтӕ радтой ахӕм операциты хайадисты тыххӕй:
Транскамы 2021 азы. Уӕд алыгъуызон уагдӕтты кусджыты ӕмӕ бархионты фӕрцы дыууӕ адӕймаджы систой миты бынӕй удӕгасӕй.
Цхинвалы районы Зары хъӕуы 2022 азы. Хорз куысты фӕстиуӕгӕн ссардӕуыд дӕсаздзыд сывӕллон, кӕцы фӕдзӕгъӕл ис хъӕды.
Леуахийы цӕугӕдоны 2022 азы. Уӕд донӕй систой Цхинвалы 19-аздзыд цӕрӕджы мӕрдон буар.