Æгъдау кæмæ ис, æфсæрм чизоны, уый "цæсгомджын" хонынц. Чи сæ нæ зоны, уый та "æдзæсгом" у. Карз дзырд у "æдзæсгом", кæд ма нæм уымæй карздæр дзырдтæ ис, уæддæр.
Дзырд "цæсгомæн" йæхи сконды дыууæ хайы ис: "цæст" æмæ "ком". Æцæгдæр, цæсгомы сæйраг хæйттæ дзых æмæ цæстытæ сты. Дзырд "цæсгом" аразгæйæ, "фындз", "ных" æмæ "роцъо" бынтондæр нымад не ʻрцыдысты: "ных" æгæр бæрзонд у, "роцъо" та ницы уыйбæрц у, стæй æгæр дæлейау æрфардæг. Фындз цæсгомæн йæ тæккæ астæу ис, фæлæ йын нæ фыдæлтæ, æвæццæгæн, ницы ахæм кад кодтаиккой.
Дзырдтæ "цæст" æмæ "ком" зæронддæр сты "цæсгомæй". "Цæст" баззад абоны иннæ ирайнаг ног æвзæгты дæр. Ацы уидагæй сты дзырдтæ "кæсын", "æнгас", "цæст". Тынг рагон у дзырд "ком" дæр. Ардыгæй "гом", "æгомыг", "куадзæн" æмæ бирæ æндæртæ.
Дзырд "цæсгом" æрмæст сæры раззаг хай нæ амоны. Уый ссис адæймаджы намысы, хæрзæгъдауы нысан. Цæсгом у адæймаджы æвдисæн, йæ лæгдзинады нысан.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны