Хæхтæ æвдисæнтæ: Цхинвалы ацыд ирæтты геноциды фæдыл кинонывы премьерæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы къуырисæры ацыд Мамиты Гри æмæ Бестауты Юлияйы киноныв "Хæхтæ æвдисæнтæ"-йы премьерон равдыст. Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы залмæ æрæмбырд сты республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ.
Кинонывы дзырд цæуы геноцидыл, кæцы сæххæст кодтой гуырдзиæгтæ ирæтты ныхмæ ивгъуыд æнусы 20-æм азты. Лентæйы бавдыстой архивон бæрæггæнæнтæ, историкты экспертон хъуыдытæ. Афтæ ма æвзонг актертæ равдыстой Хуссар Ирыстоны историйы нысаниуæгджын цаутæ.
Цхинвалы ацыд ирæтты геноциды фæдыл кинонывы премьерæ
"AllonFilm" киностудийы разамонæг Мамиты Гри бахахх кодта, истори кæй нæ хъæуы рох кæнын. Уый банысан кодта, кинонывыл куысты рæстæджы киностудийæн баххуыс кодтой студенттæ, фæлтæрд артисттæ, афтæ ма Цхинвалы цæрджытæ.

"Фильм дыууæ азы æнхъæлмæ каст премьерæмæ. Культурæйы министрад, сæйраджыдæр, Зæгъойты Радайы æххуысы руаджы абон ацыд йæ равдыст. Фильм фендзысты Ленингоры поселочы, Къуаисайы, афтæ ма йæ равдисдзысты "Осетия Ирыстон" æмæ бынæттон каналыл", - дзуры Мамиты Гри.

Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, фидæн аз 2008 азы августы хæсты 15-æм афæдзыбонмæ хъæуы бацæттæ кæнын егъаудæр киноныв.
Цхинвалы ацыд ирæтты геноциды фæдыл кинонывы премьерæ
Кинонывы фæдыл сæ хъуыдытæ загътой профессор Битарты Зоя æмæ историк Дзугаты Къоста, кæцытæ фехъусын кодтой, кæй хъæуы уадзын мыхуыры фылдæр чингуытæ Хуссар Ирыстоны историйы фæдыл.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы. Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.