Сусутъа æви гамацыкк?

Sputnik
Дзырдтæ се ʻппæт æмгъуы­зон хъазуатæй нæ кусынц. Иутæ æппынæдзух не ʻвзаджы цъуппыл бадынц, иннæты сæр та нæ кæддæр иу стæм хатт бахъæуы.
Дзырды ахадындзинад баст вæййы йæ раныл дæр: хъæууон адæмы ныхасы бирæ ис "хъæууон" дзырдтæ, æмæ горæттæгтæм та фылдæр сæхи дзырдтæ вæййы.
Дзырд "сусутъа" та æрмæст уынгæг амоны. Зæгъæм, ис­кæуыл хæдон тыхамæлттæй куы æртъыссæм, уæд уый "сусутъа" хæдон уыдзæн, зæвæтты онг куы ʻххæсса, уæддæр. "Сусутъа" вæййы дыс дæр, хæлафы къах... Абон лæппутæ æмæ чызджытæн арæх ис фенæн "су­сутъа" хæлæфты. Уыдон афтæ сусутъа сты, æмæ дисы æф­тауынц: цы амалæй сæ скæнынц сæ уæлæ.
"Гамацыкк" барджын дзырд у, аив уаид литературон сти­лы дæр. "Сусутъа" та диалектон дзырд у æмæ дæрддзæфдæр лæууы литературæйы карз нормæмæ, фæлæ дзургæ æвзаджы æмæ аив литературæйы иттæг хуызджын дзырд у.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.