Уӕрӕсейаг Центробанк рауадздзӕн зӕрдылдарӕн згъӕрӕхца Аланийы дзуарӕфтыды 1100 азмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Уӕрӕейы банк дыццӕджы рауыдздзӕн зӕрдылдарӕн ӕвзист монетӕ 3 сомы номиналимӕ, кӕцы нывонд уыдзӕн Аланийы дзуарӕфтыды 1100 азӕн.
Згъӕрӕхцайы диаметр - 39 миллиметры, тираж - ӕртӕ мины. Арӕзт ӕрцыд гъӕд "пруф"-ӕй, йӕ фӕрстӕ сты угардгонд.
Уӕрӕсейаг Центробанк рауадздзӕн зӕрдылдарӕн згъӕрӕхца Аланийы дзуарӕфтыды 1100 азмӕ
Монетӕйы цӕсгомон фарс фыст ис: уллаг фарс - "Банк России", быннаг - "2022". Галиуфарс - згъӕры хуыз Менделеевы таблицӕмӕ гӕсгӕ, рахизфарс та Санкт-Петербурджы монетӕйон кӕрты нысан, бахсысты пробӕ ӕмӕ зынаргъ металлы уӕз сыгъдӕгӕй.
Уӕрӕсейаг Центробанк рауадздзӕн зӕрдылдарӕн згъӕрӕхца Аланийы дзуарӕфтыды 1100 азмӕ
Згъӕрӕхцайыл чъылдымӕрдыгӕй та ис Алайнаг Фынӕтон моладзандоны ныв хӕххон пейзажтимӕ, уӕлейӕ йыл фыст ис "Крещение Алании", бынӕй та традицион алайнаг дзуар ӕмӕ фыст "1100".
Уӕрӕсейы банчы зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, рауадзгӕ згъӕрӕхцатӕ кӕй сты Уӕрӕсейы территорийыл базайрӕгтӕн фидыны законон фӕрӕз.