ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы минӕвар Америкӕйы Иугонд Штатты Анатолий Антонов фехъусын кодта, Вашингтон дарддӕр дӕр кӕй цырын кӕны украинӕйаг конфликт, Киевӕн уӕлӕмхас ӕххуыс хицӕнгӕнгӕйӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
"Вашингтон дарддӕр цырын кӕны украинӕйаг конфликт. Уӕлӕмхасӕй ноджы 1 миллиард доллары рахицӕнгӕнгӕйӕ, уый равдыста, АИШ кӕй нӕ фӕнд кӕны зонды хъӕлӕсмӕ ӕрыхъусын ӕмӕ бацархайын, цӕмӕй кризис сабырӕй ахицӕн уа", - дзырдӕуы дипмиссийы хъусинаджы, кӕцы мыхуыргонд ӕрцыд Telegram-каналы.
Дипломат бахахх кодта, Штаттӕ "тынгӕй-тынгдӕр кӕй бырсынц конфликтмӕ ӕмӕ ӕввахс кӕнынц тӕссаг хахмӕ уӕрӕсеимӕ ныхмӕлӕуды".
"Уыцы курс хорзӕй ницы ратдзӕн сабырыд ӕмӕ ӕдасдзинад ӕрбиноныг кӕныны хъуыддаджы, ӕрмӕст адарддӕр кӕндзӕн украинӕйаг режимы удисӕн.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.