Ног кадрон ивындзинæдтæ æмæ къласон чинтæ. Цæуыл æрдзырдтой Хуссар Иры хицауады рабадтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы рабадтыл аскъуыддзаг кодта снысан кæнын районон администрациты сæргълæуджыты фыццаг хæдивджыты.
Администрациты сæргълæуджыты ног хæдивджытæй снысан кодтой: Знауыры районы – Гатыгкоты Романы, Ленингоры районы – Роман Девидзейы, Дзауы районы та – Тедеты Альберты.
Уый размæ Хуссар Ирыстоны президенты барамындтæй республикæйы районты снысан кодтой администрациты ног разамонджыты.
Хуссар Иры хицауады рабадт
Афтæ ма хицауады рабадтыл æркастысты фарстмæ, кæцымæ гæсгæ ивындзинæдтæ бахастæуыд Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты штатон нымæц æмæ структурæ сфидар кæныны фæдыл республикæйы хицауады уынаффæмæ.
Уымæй дарддæр хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады хъæппæрис Культурæйы министрады паддзахадон граждайнаг службæгæнæг Бестауты Багратæн республикæ Хуссар Ирыстоны 3 къласы паддзахадон уынаффæгæнæджы чин раттыны фæдыл.
Ноджы ма паддзахадон граждайнаг службæйы къласон чинтæ радтой республикæйы хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты дæлхайæдты хистæртæн.