ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста ӕртыццӕджы барамынд Цхинвалы районы администрацийы архайдӕн ревизи ауадзыны фӕдыл.
"Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайӕн палатӕйӕн бахӕсгонд ӕрцыд басгарын Цхинвалы районы администрацийы финансон-хӕдзарадон архайд 2020, 2021 ӕмӕ 2022 азы фыццаг ӕмбисӕн", - хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Басгӕрст ауадзыны тыххӕй президент рахицӕн кодта Контролон-нымайӕн палатӕйӕн 30 боны.