Ардӕм бирӕ адӕм ӕрцӕудзӕн: Гасситы Мурӕт бамбарын кодта, цӕмӕн уадзы йӕ радон тох Сербийы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Боксер-профессионал Гасситы Мурӕт радзырдта, йӕ радон ныхмӕлӕуды бынатӕн Серби кӕй равзӕрста, уымӕн ӕмӕ фарсхӕцджытӕн ардӕм ӕнцондӕр кӕй уыдзӕн ӕрцӕуын, хъусын кӕны Спорт-Экспресс.
Гасситы Мурӕт раздӕхт тренировкӕтӕм травмӕйы фӕстӕ
26 августы 28-аздзыд Гасситы Мурӕт ауадздзӕн тох 42-аздзыд америкӕйаг Карлоус Уэлчимӕ. Ныхмӕлӕуд ацӕудзӕн Белграды (Серби), спортуарзджытӕн Уӕрӕсейы фадат уыдзӕн тохмӕ бакӕсын телеканал РЕН ТВ комкоммӕ эфиры.
Фӕстаг хатт ирон боксер рингмӕ рахызт ивгъуыд азы июля, уӕд уый фӕуӕлахиз немыцаг спорсмен Михаэль Валлишыл, уый техникон нокауты арвитгӕйӕ.
Гасситы Мурӕты хӕзнадоны ис 28 уӕлахизы, уыдонӕй 21 нокаутӕй, ӕмӕ иу фӕхӕрды.