"Зынаргъ у" - фæдзурынц, истæмæн йæ аргъ бирæ куы вæййы, исты æлхæнинагыл стыр аргъ куы сæвæрынц, уæд. Фæлæ афтæ зыны, цыма ам дзырд "зын" йæ раны нæй: дзурæм "зынаргъ у", фæлæ ничи зæгъдзæн "йæ аргъ зын у". Зын вæййы исты фарста, исты хъуыддаг, куыст, фæндаг... Кæд зынаргъ ис, уæд хъуамæ "æнцонаргъ" дæр уаид, уымæн æмæ зын-ы ныхмæвæрд "æнцон" у.
Уыимæ иумæ зынаргъы фæзынд цымыдисон у: афтæ зыны, цыма йæ арæзт, йæ фæзынд æххæст закъоныл нæу, уымæн æмæ "аргъ"-æй "зын" нæ фæзæгъæм. Нæ зæгъдзыстæм "мæ чиныджы аргъ зын у".
Æвзаг ахæм цæвиттонтæ бирæ зоны æмæ адæм цы дзурой, уый та "закъон" у кæддæриддæр, кæд алыхатт иумæйаг фæткойыл арæзт нæ разыны, уæддæр. Æниу дзырд "зынаргъ"-ы бынтон æнæзакъонæй нæ райгуырдис, йæ фæзындæн ис бæрæг бындур: зынаргъ истæмæн йæ балхæнын, йæ аргъ бафидын "зын" у.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.