"Армия-2022" форумы бавдисдзысты ног уæрæсейаг орбиталон станцы макет

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Æхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум "Армия-2022" Роскосмос фыццаг хатт равдисдзæн ног орбиталон станцы макет, хъусын кæны РИА Новости.
"Ног уæрæсейаг орбиталон станц фыццаг хатт бавдисдзысты æхсæнадæн æхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум "Армия-2022"-йы паддзахадон корпораци "Роскосмос"-ы VIP-3 павильоны, кæцы ацæудзæн 15-йæ 21-æм августмæ мæскуыйаг Кубинкайы конгрессон-равдыстон центр "Патриоты", - дзырдæуы хъусинаджы.
Паддзахадон корпорацийы зæрдыл æрлæууын кодтой, ныртæккæ арæзт кæй цæуы станцы эскизон проект, эксплуатацимæ та йæ ратдзысты дыууæ этапы. Фыццаг этапы уый уыдзæн цыппар модулæй, дыккагыл та бафтаудзысты ноджы æртæ.