Хуссар Иры МХМ уадзы рейдтæ республикæйы фæндæгтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ МХМ сæрмагонд дæлхайæдтæ æмæ милицийы патрулон-постон службæйы кусджытимæ иумæ уадзынц рейдтæ республикæйы фæндæгтыл, хъусын кæны майрæмбоны барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.
МХМ куыд банысан кодтой, афтæмæй милицийы кусджытæ бæрæг кæнынц фæндагон фæкты фехалджыты, шофырты, кæцытæ скъæрынц автотранспорт нозтджынæй, афтæ ма уадзынц профилактикон ныхас фистæг бæлцæттимæ æмæ велосипедисттимæ.
Рейдтæ республикæйы фæндæгтыл
МХМ информацимæ гæсгæ, иууыл арæхдæр æмæ тæссагдæр фехæлдтæ сты светофоры сырх рухсыл аскъæрын, тагъдады режим ма æххæст кæнын. Арæх шофыртæ æркæнынц административон бæрндзинадмæ транспорт æнæ бæлвырдгæнæн документтæй скъæрыны тыххæй. Фистæг бæлцæтты хсæн иууыл сæйрагдæр фехæлд у фæндаг раст ран ма ахизын.