Хуссарирыстойнаг велосипедисттӕ фыццаг хатт басастой маршрут Цхинвал-Фыййагдон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны велосипедистты къорд республикӕйы хӕдбардзинад Уӕрӕсейы рдыгӕй банымайыны боны цытӕн згъоры фӕлгӕтты ныххӕццӕ сты Цхинвалӕй Фыййагдонмӕ, фехъусын кодта къорды уӕнг Тедеты Лери.
Хуссарирыстойнаг велосипедисттӕ фыццаг хатт басастой маршрут Цхинвал-Фыййагдон
Къорд цыппӕрӕмы сӕумӕрайсом афӕндараст ис ӕмӕ изӕры дӕс сахатыл сӕмбӕлд йӕ нысаныл. Бӕлццӕттӕ басастой 170 километры дистанци 17 сахатмӕ.
"Фӕндагыл цалдӕр хатт ӕрлӕууыдыстӕм. Нӕ цӕгаттаг ӕфсымӕртӕ-велосипедисттӕ ныл сӕмбӕлдысты Зӕрӕмӕджы ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Цыт нын кодтой Фыййагдоны дӕр. Ӕмткӕй нӕ исынц тынг хорз", - загъта уый.
Къорд фыццаг хатт бахъавыд басӕттын ахӕм дӕргъвӕтин маршрут.
Хуссарирыстойнаг велосипедисттӕ фыццаг хатт басастой маршрут Цхинвал-Фыййагдон
"Ӕвддӕсӕй стӕм. Иууыл кӕстӕр нӕ у 13-аздзыд Бекъойты Айсан ӕмӕ иууыл хистӕр та - 65-аздзыд Пухаты Мурӕт, уыдон ӕппындӕр нӕ фӕстиат кӕнынц къорд. Иууылдӕр цӕуынц рӕвдзӕй. Къорды сконды ис экс-президент Бибылты Анатолий дӕр. Згъорд нывонд у Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсейы 'рдыгӕй банымады цытӕн", - бафтыдта уый.
Велопробег ко дню признания независимости Южной Осетии
Тедеты Лери ма бафиппайдта, къорд фӕстӕмӕ кӕй раздӕхдзӕн райсом 13 августы.