Украинæйы Гарзджын тыхтæ фесæфтой Соледары бын дыууæ минæй фылдæр æфсæддоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Цæдисон тыхты размæбырстон архæйдтыты фæстиуæгæн Соледары бын украинæйаг æфсад фесæфта дыууæ минæй фылдæр адæймаджы, хъусын кæны РИА Новости.
"Цæдисон тыхты размæбырстон архæйдтыты фæстиуæгæн Соледары бын украинæйаг гарзджын тыхты 14-м механизацигонд бригадæ фесæфта дыууæ минæй фылдæр адæймаджы. Бригадæйы сконды ма чи баззад, уыдоны ракодтой фæсчъылдымы районтæм", - загътой уагдоны.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.