ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны УУМ бафæдзæхстой тæрккъæвдаты тыххæй республикæйы 13 августы онг, хъусын кæны майрæмбоны ирвæзынгæнæн уагдоны пресс-службæ.
"Цæгат Ирыстоны гидрометеорологи æмæ мониторингы центры информацимæ гæсгæ, 12-14 сахатæй 13 августы кæронмæ Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы территорийыл уыдзæн тæрккъæвдатæ, ихуард æмæ тыхмыдгæтæ 20-25 м/с", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, республикæйы фæндæгтыл гæнæн ис фæфылдæр уа доны гуырахст, хæхты та æрцæуой цъыфы зæйтæ.
Уый фæдыл доны бын гæнæн ис фæуой быдырон бынæттæ, афтæ ма бахъыгдард уой инфраструктурæйы объекттæ.