ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Сæдæйæ фылдæр æххуырст æфсæддоны Польша æмæ Германийæ скуынæг кодта уæрæсейаг авиаци Харьковы областы, хъусын кæны къуырисæры Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ иттæг дырыс хæцæнгарзæй скуынæг кодтой фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты рæстæгмæ дислокацийы пункт Харьковы областы цæрæн пункт Золочевы районы. Скуынæг кодтой сæдæйæ фылдæр æмæ фæцæф сты 50-йæ фылдæр хæстоны Польша æмæ Германийæ", - загътой уагдоны.
Афтæ ма уæрæсейаг æфсæдтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой 260-æй фылдæр националисты Угледар, Водяное æмæ Добровольейы районы Донецкы Адæмон Республикæйы.
Уæрæсейаг æфсæддон авиацийы цæфты фæстиуæгæн скуынæг кодтой 63-æм механизацигонд бригадæйы 105-æм æмæ 107-æм батальонты 160 æфсæддоны Херсоны областы.
Афтæ ма ДАР Марьинка цæрæн пункты уæрæсейаг артиллерион æфсæдты æхстыты фæстиуæгæн скуынæг кодтой 66-æм механизацигонд бригадæйы æртыккаг батальоны сконды 70 проценты.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.