Дзауы районы цæрæджы азымджын кæнынц æнахъомы фæдыл æнагъдау митæ саразыны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы прокуратурæ сфидар кодта зылынкæныны тæрхон бынæттон цæрæджы ныхмæ уголовон хъуыддаджы фæдыл, кæцыйы азымджын кæнынц æнахъомы фæдыл æнæгъдау митæ саразыны. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ прокуратурæ.
Уголовон хъуыддаг бакодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады фæдæвзарæн дæлхайад фарон августы.
"2021 азы августы Наниты В.С. æрурæдтой æмæ йæ бакодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады рæстæгмæдарæн изоляторы. 2021 азы 27 августы уый фæдыл рахастой скъуыддзаг бакæнын æй ахæстоны", - дзырдæуы хъусинаджы.
Генпрокуратурæйы ма бахахх кодтой, уголовон хъуыддаг зылынкæныны тæрхонимæ кæй барвыстой Дзауы районы тæрхондонмæ.