Хъырымы Майское хъæуы районы æфтауцы сдетонаци кодтой хæстæрмæджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 авг – Sputnik. Хъырымы Майское хъæуы цур æфтауцы Джанкойы районы дыццæджы райсом æрцыд хæстæрмæджыты детонаци, бахъыгдард сты дыууæ адæймаджы, хъусын кæны РИА Новости.
"16 августы 6.15 сахатыл Майское (Джанкойы район) цæрæн пункты районы æрцыд зынгсирвæзт æфсæддон дæлхайæдтæй иуы хæстæрмæджытæ æвæрыны фæзуаты территорийыл. Зынгсирвæзты фæстиуæгæн æрцыд хæстæрмæджыты детонаци", - банысан кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, ист цæуынц мадзæлттæ, цæмæй ахууысын кæной арт æмæ сбæрæг кæной зынгсирвæзты аххосæгтæ. Майское хъæуы цæрджытæй дыууæ мины сэвакуаци кодтой.
Срæмыгъды фæстиуæгæн дыууæ адæймаджы бахъыгдард сты, уыдонæй иуы уавæр у астæуккаг уæззау.