Ӕртаджы гуырӕн, сызгъӕрин агурджытӕ ӕмӕ дзӕнӕттаг къуым. Цӕмӕй цӕры Моргойы хъӕу

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Моргойы хъӕуӕн йӕ ном хъуыстгонд у куыд улӕфӕн ком ӕмӕ бирӕнымӕц ӕрдзон къахӕггӕгтӕй хъӕзныг хъӕу. Ӕрдзы хъӕздыгдзинады алыварс рӕзы таурӕгътӕ ӕмӕ хъӕу йӕхимӕ ӕлвасы бӕлццӕтты.

Улӕфӕн хъӕу

Моргойы хъӕу ис Транскамы трассӕмӕ ӕввахс, хъӕуӕн схъӕбыс кодта хихджын хъӕд, сатӕг уӕлдӕф ис ам сӕрды ӕнуды дӕр. Фӕлӕ бирӕнымӕц ӕвӕрццӕг ӕууӕлтӕм нӕкӕсгӕйӕ хъӕуы адӕм лидзынц сӕ райгуырӕн къуымӕй, ӕрмӕст ма дзы цӕры аст хӕдзары. Уыимӕ иумӕ хъӕуы арӕзт цӕуынц ныдӕнуӕттӕ - ног хъӕдын хӕдзӕрттӕ ӕмӕ капиталон амӕдтӕ ис хъӕуы ахадгӕ
"Ам хӕдзӕрттӕ амайынц Къроз ӕмӕ Хуыцъейы зӕххы фадыг кӕй нӕ фӕцис, уыдон. Ацы хъӕутӕ нымад цӕуынц курортон къуымтыл",- загъта хъӕуы цӕрӕг Александр.

Сызгъӕрины гуырӕн

Рӕсугъд ӕрдзӕй дарддӕр ма хъӕуы ном айхъуыст йӕ ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтӕй. Хъӕуы цӕрджытӕ сызгъӕрины фӕстауӕрцӕн ницы бындур уынынц, фӕлӕ 90-ӕм азтӕй ардӕм сыгъзӕрины гуырӕн агурӕг цыдысты адӕмы къордтӕ. Чи сӕрмагонд къахӕн ифтонгад хаста, иууылдӕр сӕрӕнтӕ скодтой дӕсныйы дӕр. Фӕлӕ сӕ архайдмӕ нӕкӕсгӕйӕ уазджытӕ аздӕхдысты афтидӕй. Ӕвӕццӕгӕн, ам ӕцӕгдӕр нӕй сызгъӕрины фӕстауӕрц, науӕд та дӕсны фаг тыхимӕ нӕ уыд.
Морго

Ӕртаджы гуырӕн

Кӕд сызгъӕрины гуырӕн фылдӕр уыд ӕрымысгӕ, уӕд ӕртаджы гуырӕн ацы хъӕуы дызӕрдыггаг никӕмӕн уыд. 1943 азы онг цӕрджытӕ хорз ифтонг уыдысты ӕртагӕй, уый абугъыд зӕххы бынӕй. Цӕрджытӕ йӕ ӕмбырд кодтой бӕрцуатты, йӕ сыгъдӕг цыд рухс ӕмӕ арт кӕнынӕн. Йӕ бынтӕй та-иу байсӕрстой уӕрдӕтты цӕлхытӕ. Ацы цау ӕгас республикӕйыл айхъуыст ивгъуыд ӕнусы кӕрон хьӕуы цӕрӕг Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайӕг Джиоты Дзамболат хъӕуы рагон ныгӕдтӕ куы ссардта ӕмӕ зонад иртасӕн институтмӕ куы рацыд.
"Ам ссардтам сӕрмӕтты дуджы зӕппадзтӕ дӕр, фӕлӕ уымӕй диссы дӕр бафтыдта хъӕуы цӕрджыты мысинӕгтӕ, кӕцытӕ ӕнӕдызӕрдынӕй дзырдтой ӕртаджы гуырӕны тыххӕй", - радзырдта Sputnik ЗИИ директор Гаглойты Роберт.
1943 азы фӕстӕ ӕртаджы гуырӕн бамбӕрстой Гуырдзыстонӕй ӕрбацӕуӕгӕ къамис. Бынӕттон цӕрджытӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй уӕд хъӕуы цӕрджытӕ дӕр сразы сты ӕдасдзинадимӕ баст кӕй уыд, уый аххосӕй.
"Уыцы азы Хуссар Иры территорийыл ӕрӕппӕрстой дыууӕ бомбӕ, уыдон нӕ фехӕлдысты. Фӕлӕ кӕд адӕмӕн бамбарын кодтой ахӕм бомбӕ ӕртаджы гуырӕныл куы сӕмбӕла, уӕд фӕхӕсдзӕн ӕгас район", - бафтыдта уый.
Гаглойты Роберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицӕн азты иртӕстытӕм гӕсгӕ, ӕдӕппӕтӕй Хуссар Ирыстоны нефты гуырӕнтӕ ис 12 бынаты.
Морго