Цхинвалы сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы. Иу адӕймаг бахаудта рынчындонмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Советон уынджы алвӕндагыл ӕрцыд фӕндагон-траспортон цау. Йӕ фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг бахаудта рынчынмӕ.
Авари ӕрцыд 12 сахатмӕ ӕввахс. Бынаты кусынц барадхъахъхъӕнӕг органтӕ.
"Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Советон уынджы алвӕндагыл сӕмбӕлдысты ВАЗ-2106 ӕмӕ Lexus RX. Аварийы азымджын бӕрӕг нырма нӕу. Бынаты кусынц адӕм, хъӕуы сахуыр кӕнын камераты ӕрмӕг", - загътой МХМ-йы пресс-службӕйы.
Цхинвалы сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы