ЦХИНВАЛ, 18 авг – Sputnik. Хуссарирыстойнаг паддзахадон автоинспектортæ æрсидтысты шофыртæм, цæмæй уой арæхстджындæр фæндæгтыл тæвд боныгъæды.
Республикæйы цалдæр боны дæргъы у тæвд боныгъæд, 30 градусмæ æввахс. Хæдтулгæйыл скъæрын тæвд боныгъæды рæстæджы гæнæн ис уа тæссаг, уымæн æмæ æнтæф гæнæн ис февзæрдæр кæна æнæниздзинад.
"Уæлдæфы температурæ куы фæфылдæр вæййы, уæд хæдтулгæйы змæлынгæнæг кусы экстремалон уавæрты. Æнтæфы гæнæн ис фехæла термостат дæр. Хъæуы хи бахизын дæргъвæтин балцытæй æнтæф боныгъæды рæстæджы, нæ хъæуы халын тагъдады режим. Уымæй дарддæр нæй гæнæн уадзын сабиты иунæгæй хæдтулгæйы", - банысан кодтой республикæйы МХМ пресс-службæ.
Уагдоны бахахх кодтой, хæдтулгæйы шофыртæ хъуамæ ма скъæрой, кæд æмæ сын æнтæф æвзæрын кæны дискомфорт.