Хуссар Иры футболон командӕ тох кӕны Сочийы турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕлӕтты командӕ "Барсалан" хайад исы Сочийы уагъд цӕуӕг ерысты, фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Хъазиты Алан.
Турнир цӕуы дыууӕ кары категори - 2010 азы ӕмӕ 2012 азы гуырд спортсменты ӕхсӕн. Нӕ командӕ ис фыццаг къорды.
"Барсалан"
"Командӕ ӕрцыд хорз цӕттӕйӕ, фӕлӕ, хъыгагӕн, фыццаг фембӕлды фӕхӕрд ис фысымтӕн - сочиаг "Лион"-ӕн. Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ акклиматизаци ӕмӕ фӕллад уыд нӕ фӕхӕрды аххосаг", - загъта тренер.
19 августы командӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы дыууӕ фембӕлды.

"Майрӕмбоны нын ис дыууӕ хъазты. Фыццаг ӕмбӕлӕм "Академия Сочи"-имӕ ӕмӕ уый фӕстӕ ис ДАР къордимӕ", - бафтыдта уый.

Сочийы турнир ахицӕн уыдзӕн 23 августы.