Хуссар Иры боксертӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы профцӕдисты фыццагады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксерты къорд стох кӕндзысты Уӕрӕсейы профцӕдисты фыццагады, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Куымӕридтаты Родион.
Ерыстӕ цӕудзысты Ставрополы 22-28 августы. Хуссар Ирыстоны къорд афӕндараст уыдзӕн къуырисӕры.

"Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты Гуыцмӕзты Тамерлан, Санахъоты Андрей, Цхуырбаты Арсен, Коцты Дауыт, Джиоты Марат ӕмӕ Бабаты Станислав. Ерысты уӕлахиздзаутӕ исынц балцӕгтӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ", - загъта тренер.

Фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц Тедеты Александр, Дзигойы Ацӕмӕз ӕмӕ Куымӕридтаты Родион.