Италиаг флейтисткæ ралæудзæн Беслæны трагедийы афæдзыбоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Номдзыд италиаг флейтисткæ Моника Морони ралæудзæн дыууæ концертимæ Цæгат Ирыстоны Беслæны трагедийы афæдзыбоны, радзырдта балцы организатор, Республикæйы Хуссар Ирыстоны ФХМ минæвар Италийы Мауро Мурджа.
Флейтисткæ Сан-Маринойæ бабæрæг кæндзæн Беслæн, цы ран 1 сентябры ралæудзæн фыццæгæм скъолайы раз.
"Фыццаг хатт музыкант Сан-Маринойæ ралæудзæн Беслæны. Мах фæнды ссарын амæттæгты рухс нæмттæ. Мах фæхуыдта æхсæнадон организаци "Ассоциация жертв террористических актов "Матери Беслана". Фыццаг ралæуд ацæудзæн скъолайы раз, 2-æм сентябры та ацæудзæн концертон залы Беслæны", - радзырдта Мурджа.
2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы. Фыдохы мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы горӕтты дӕр.