Хуссар Иры иу къуыримӕ рабӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 340 фехӕлды - МХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг - Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл рабӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткы 340-ӕй фылдӕр фехӕлды ӕмӕ иу авари, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Уагдоны куыд бамбарын кодтой, афтӕмӕй ӕхсӕз шофыры ныхмӕ сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Хуссар Иры МХМ æрсидт шофыртæм, цæмæй уой арæхстджындæр фæндæгтыл æнтæф боныгъæды
Мидхъуыддӕты министрады ма радзырдтой, иу къуыримӕ республикӕйы территорийыл кӕй не срегистраци кодтой фыдракӕндтӕ, ӕрмӕст ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны цауты тыххӕй бӕрнмӕ ӕркодтой иу адӕймаджы.