Хуссар Иры районты сӕргълӕуджытӕ радзырдтой президентӕн бакӕнгӕ куысты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисӕры ауагъта кусӕгон ӕмбырд республикӕйы районты сӕргълӕуджытимӕ. Фембӕлды хайад райста хицауады сӕрдар Джуссойты Константин дӕр.
Фыццаг хыгъдлӕвӕрд бакӕнгӕ куыстӕн радта Ленингоры районы хистӕр Гӕджиты Иларион. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы иу мӕй кусы, уый рӕстӕджы бантыст аскъуыддзаг кӕнын проблемӕты иу хай ӕмӕ бирӕ нывӕзтытӕ среализаци кӕнын.
"Районы нӕй техникӕ. Уый нын ӕвзарын кӕны бирӕ къуыхцыдзинӕдтӕ. Фӕлӕ нын уӕддӕр бантыст бирӕ саразын - уалдзыгон-сӕрдыгон донивылдты фӕстиуӕгӕн бирӕ фӕндӕгты фылдӕр хай ӕрцыдысты ӕдзӕллаг уавӕрмӕ. Цалдӕр хъӕумӕ ныридӕгӕн сӕндидзын кодтам фӕндагон бастдзинад, кусӕм иннӕ хъӕутӕм дӕр", - загъта уый.
Афтӕ ма хайгай скъуыддзаг цӕуы донифтонгады фарст дӕр - къорд хъӕумӕ ауагъдӕуыд хӕтӕлтӕ дон бауадзынӕн.
Смобилизаци кодтам тыхтӕ. Ленингоры районы дарддӕр тох кӕнынц донивылдты фӕстиуджытимӕ
Уымӕй дарддӕр ма къуырийы кӕрӕттӕм ӕхӕццӕ уыдзӕн хӕдтулгӕ, кӕцы Ленингоры районы хъӕутӕм ласдзӕн газ.
Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, фӕндӕгтӕ, дон ӕмӕ газ сты районы хӕуыт цӕрджыты бирӕазон проблемӕ.

Цхинвалы район

Цхинвалы районы сӕргълӕууӕг Бӕззаты Инал фехъусын кодта президентӕн, ног ахуыры азмӕ ӕртӕ скъолайы кӕй ауадздзысты косметикон цалцӕг, ноджы ма цалдӕр та райсдзысты ног хъӕрмадон котелтӕ. Куыстытӕ иууылдӕр ахицӕн уыдзысты сентябры райдианмӕ.
Бынӕттон цӕрджыты ахсджиаг проблемӕтӕй ма иу у дон - уый цӕуы чъизийӕ ӕмӕ нӕ фаг кӕны. Бӕззаты Инал нымайы, зӕгъгӕ, хъӕуы бакӕнын график донифтонгадӕн. Кӕцыдӕр хъӕутӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у доны ног гуырӕнтӕ агурын.
Президент Гаглойты Алан бахӕс кодта ауадзын ревизи Цхинвалы районы администрацийы архайдӕн
Президент ӕрсидт районы хистӕрмӕ хъусдард аздахын зӕххы фадгуытӕм, кӕцытӕ цӕрджытӕ исынц паддзахадӕй арендӕйы - уыдонӕй бирӕтӕ куыст нӕ цӕуын ӕмӕ ӕнӕхъуаджы хӕмпӕл кӕнынц.
"Юстицийы министрадимӕ хъӕуы ауадзын зӕххыты ревизи. Бирӕтӕ райсынц фадгуытӕ, арендӕ нӕ фидынц ӕмӕ зӕххытӕ дӕр нӕ кусынц", - бахахх кодта бӕстӕйы раздзог.

Знауыры район

Дыууӕ мӕймӕ бантыст сӕндидзын кӕнын фӕндӕгтӕ 12 хъӕумӕ - 22 километрмӕ ӕввахс, фехъусын кодта Знауыры районы хистӕр Гобозты Алан. Афтӕ ма аст хъӕумӕ бауагътой дон. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕйрагдӕр проблемӕтӕй иу - цӕрджытӕй кӕцытӕртӕ фӕхуынкъ кӕнынц доны хӕтӕлтӕ ӕмӕ сӕ ауадзынц сӕхимӕ, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн нал фӕфаг кӕны.
Президент бахӕс кодта бафӕдзӕхсын цӕрджыты дарддӕр ахӕм архӕйдтытӕ мауал ӕрудзыны тыххӕй, фӕткхалджыты та кӕнын бӕрнмӕ.

Дзауы район

Донифтонгадимӕ проблемӕтӕ ис Дзауы районы дӕр. Администрацийы сӕргълӕууӕг Тыбылты Вандайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ссардӕуыд доны хӕтӕлы атоныны бынат, кӕцыйӕ цалдӕр азы дӕргъы калд доны 50 проценты. Фадыг сцалцӕг кодтой, фӕлӕ та уайтагъддӕр атыдта ӕндӕр бынаты - уый нырма нӕ бантыст аскъуыддзаг кӕнын.
Хицӕнӕй Тыбылты Ванда банысан кодта электроэнергийыл баст проблемӕтӕ - йӕ ауадзынӕн хъӕуы ӕрмӕстдӕр "хӕтӕлтӕ айвазын".
Хуссар Иры Дзауы районы аразынц ног хид
Къуаисайы мэр Хуыгаты Алан куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ацы аз сӕйраг куыстытӕ уагъд цӕудзысты горӕты мидӕг - бирӕфатерон хӕдзӕртты сцалцӕг кӕндзысты бахизӕнтӕ. Афтӕ ма уый бацагайдта доны проблемӕ дӕр - уый цӕуы чъизийӕ ӕмӕ нуазынӕн нӕ бӕззы.
Президент бахӕс кодта радон ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕнын зӕронд донуадзӕн среставраци кӕныны фарст ӕмӕ сӕвӕрын сыгъдӕггӕнӕн ифтонгад, науӕд та рауадзын дон ӕндӕр бынатӕй.
Афтӕ ма Гаглойты Алан ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл нымайы саразын Къуаисайы цӕрӕнуатон къамис ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнын горӕты хӕдзӕрттӕ уарыны хъуыддаг.
Афтӕ ма сӕрмагонд хъусдард здӕхт ӕрцӕудзӕн республикӕйы районты цалдӕргай бынӕтты чи кусы, уыцы адӕммӕ дӕр.