Куырыхон хистӕры дӕнцӕг. Гаглойты Алан раарфӕ кодта Меняйлойӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн, хъусын кӕны республикӕйы раздзоджы пресс-службӕ.
"Патриот ӕмӕ ӕхсарджын адӕймаг, Ды рацыдтӕ бирӕазон фӕндаг Райгуырӕн бӕстӕйӕн удуӕлдайӕ лӕггадгӕнгӕйӕ. Республикӕйы цӕрджытӕн Ды дӕ бӕрнон ӕмӕ куырыхон хистӕры дӕнцӕг. Паддзахадон архайды Дӕ алыварсон фӕлтӕрддзинад, хъуыддагмӕ аудгӕ ахаст ӕмӕ разы лӕууӕх хӕстӕ ӕххӕст кӕнын сты Дӕ куысты ӕнтыстдзинады бындур", - дзырдӕуы арфӕйы телы.
Гаглойты Аланы цӕст бауарзта Сергей Меняйлойӕн фидар ӕнӕниздзинад, энерги ӕмӕ дарддӕры ӕнтыстытӕ паддзахадон архайды Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хӕрзӕбонӕн.