Уӕрӕсейаг ӕфсад иу суткӕмӕ скуынӕг кодта дыууӕсӕдӕйы онг украинӕйаг националисты - ХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой дыууӕсӕдӕмӕ ӕввахс украинӕйаг националисты, фехъусын кодта къуырисӕры УФ хъахъхъӕнынады министрад.
"Донецкы Адӕмон республикӕйы 72-ӕм мехинизацигонд бригадӕйы позицимӕ Зайцевойы районы, территориалон хъахъхъӕнынады 112-ӕм бригадӕйы позицимӕ Артемовскы районы ӕмӕ территориалон хъахъхъӕнынады 101-ӕм бригадӕйы позицимӕ Яковлевкайы районы фехстыты фӕстиуӕгӕн куынӕг ӕрцыдысты 100 онг националисты, дыууӕ танчы ӕмӕ 15 хӕдтулгӕйы", - хъусын кӕны РИА Новости уагдоны информаци.
Уымӕй дарддӕр ма Запорожаг ӕмӕ Николаевскаг областты уӕрӕсейаг авиаци скуынӕг кодта 80-мӕ ӕввахс националисты ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 14 иуӕджы, Николаеваг областы цӕрӕн пункт Лупаревойы районы та - 50 фылдӕр националисты, афтӕ ма бронетанкон ӕмӕ сӕрмагонд автомобилон техникӕйы авд иуӕджы.
Хъахъхъӕнынады министрады ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг оперативон-тактикон ӕмӕ ӕфсӕддон авиаци, афтӕ ма артиллери ӕмӕ ракетон ӕфсӕдтӕ фехстой украинӕйаг ӕфсады аст фӕткдаруатон пункты, скуынӕг кодтой ӕхсӕз ӕфтауцдоны, радиолокацион станц С-300 ӕмӕ ӕнд.