ЦХИНВАЛ, 24 авг — Spunik. Сабыр цæрæг, кæцы фæцæф ис украинæйаг æфсады фехсты фæстиуæгæн Изотовы номыл шахтæйы поселокы, амард, фехъусын кодта Горловкайы мэр Иван Приходько.
РИА Новости куыд хъусын кæны, афтæмæй раздæр горæты сæргълæууæг загъта, сабыр цæрæг кæй райста цæфтæ фехстыты фæстиуæгæн.
"Хъыгагæн, украинæйаг националисттæ кæцы сабыр цæрæджы фехстой, уый амард", - ныффыста Приходько Telegram-каналы.
Горловка æвæрд ис Донецкæй 50 километры дæрддзæфæн цæгатырдæм. Горæты ис химикон концерн "Стирол" æмæ æндæр ахсджиаг уагдæттæ. Уый у ДАР егъаудæр горæттæй иу. Донбассы конфликты агъоммæ йæ цæрджыты нымæц уыд 250 адæймагæй фылдæр.