Ирон боксер Битеты Ричард райста лицензи Уӕрӕсейы чемпионатмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны стыр уӕзы боксер Битеты Ричард рамбылдта Уӕрӕсейы профцӕдисты ерыстӕ ӕмӕ ахызт Уӕрӕсейы чемпионатмӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Кокойты Мурӕт.
"Иу тох ауагъта ӕмӕ йӕ рамбылдта ӕмгъуыдӕй раздӕр. Алтайы крайы минӕвары уый рамбылдта техникон нокаутӕй фыццаг раунды 40-ӕм секундыл", - загъта тренер.
Уый ма бахахх кодта, цхинвайлаг спортсмен ныр кӕй бацис Уӕрӕсейы чемпионатмӕ лицензийы хицау.
"Ацы уӕлахизы фӕрцы уый ахызт Уӕрӕсейы чемпионатмӕ, кӕцы цӕудзӕн 30 сентябры Читайы", - бафтыдта уый.
Хуссар Иры боксертӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы профцӕдисты фыццагады
Уӕрӕсейы спорты мастер Битеты Ричард рахызт рингмӕ дӕргъвӕтин паузӕйы фӕстӕ. Лӕппу цӕттӕ кӕны Дзӕуджыхъӕуы боксерон клуб "Боец"-ы тренертӕ Кокойты Мурӕт ӕмӕ Плиты Роберты хъусдарды бын.