Хур арты куы басыгъд

7. Дзауы къæсæрыл. Фугæджыны катай

Sputnik
Дзауы рæсыгъд хæххон комы фæндæгтыл кæмдæр белоттаг лигъдæттæ æмæ кемереттаг кусджытæ фæцæуынц. Хорз фæндаг сарæзтой уæрдæттæн, сæ куыстæй райгондæй баззадысты æмæ анкъуыстысты дарддæр Гуфтайы онг. Цалдæр хъæуыл цыд сæ фæндаг æмæ Дзаумæ куы ныххæццæ сты, уæд куысджытимæ иумæ уыдысты æртæ хатты фылдæр.
Уыцы бон Дзауы тынг ахсджиаг хабар цыд – Иры Националон Советы хуссары секцийы æмбырд. Скъуыддзаг кодтой тынг бирæ фарстатæ. Уыдон уыдысты Иры фидæнимæ баст.
Фугæджыны гуырдзиаг тугдзыхтæ дарддæр хынджылæг кæнынц Аронæй. Ираклий стæг сисы дзидзайы гæппæлтимæ æмæ йæ Ароныл фехсы. Уый кæм бадти, уым бады. Хæринæгтæн сæ хуыздæртæ равзæрста, йæ дысы сæ бамбæхста æмæ бахаста скъæтмæ чысыл Габемæ. Уый фæстæ бацыд йæ хæдзармæ, фынгыл æрбадтис æмæ йæ разы гæххæт æрæвæрдта – райдыдта фыссын фыстæг гуырдзыйы сау фæндты тыххæй. Уый зыдта: кæд йæ хъæу судза, уæд йæхæдæг дæр, фæлæ фыстæджы фæрцы, йæ цæстытæй цы уыны æмæ йæ хъустæ цы хъусы, уый адæтдзæнис куыд æвдисæн.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".