Ирыстойнаг уӕзтӕисӕг чызг басаста Уӕрӕсейы рекорд Спартакиадӕйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 авг – Sputnik. Сотиты Яна басаста Уӕрӕсейы рекорд уӕззау атлетикӕйӕ тыхджындӕрты Спартакиадӕйы. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Спорты министрады пресс-службӕ.
Сотиты Яна сыгъзӕрин майдан рамбылдта 81 килограммы онг уӕзы категорийы. Дыууӕ фӕлварӕны фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уый систа иумӕйагӕй 245 кг (Уӕрӕсейы рекорд).
Ирон спортсменкӕйы цӕттӕ кӕнынц Тасойты Хсарбег ӕмӕ Дзгойты Олег.
Уӕззау атлетикӕйӕ турнир ацыд Мӕскуыйы спорты сӕрдыгон хуызтӕй 2022 азы тыхджындӕр сортсменты Спартакиадӕйы фӕлгӕтты.