Уӕрӕсейаг ӕфсад ссӕрибар кодта хъӕу Благодатное украинӕйаг нацисттӕй - видео

Sputnik
Хъахъхъӕнынады министрад ныммыхуыр кодта Николаевы областы хъӕу Благодатноейы ссӕрибар кӕныны кадртӕ. Министрады информацимӕ гӕсгӕ, ныхмӕлӕууӕг уагъта ӕгъатыр тох, фӕлӕ Уӕлдӕфон-десантон ӕфсады фӕстиуӕгджын куысты фӕрцыцӕрӕн бункт ссӕриб кодтой цыбыр рӕстӕгмӕ.
Куыд тох кодтой ӕфсӕддонтӕ цӕрӕн пунктыл, уымӕ бакӕсут нӕ видеойы.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.