Хуссар Иры тӕрхондонон пъырыстыфтӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады сӕргълӕууӕг Гаглойты Олег радта паддзахадон хорзӕхтӕ уагдоны кусджытӕн Тӕрхондонон службӕйы кусӕджы боны, кӕцы нысан цӕуы 30 августы.
Хорзӕхкӕныны церемони ацыд президент Гаглойты Аланы барамындмӕ гӕсгӕ.
Раздӕр республикӕйы сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта Тӕрхондонон пъырыстыфты службӕйы кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн уагдоны бындурӕвӕрды 21-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл. Йӕ арфӕйы президент равдыста ныфс, Тӕрхондонон пъырыстыфты службӕйы кусджытӕ дарддӕр дӕр кӕй архайдзысты паддзахады закондзинад ӕрбиноныг кӕныныл.
Хуссар Иры тӕрхондонон пъырыстыфтӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ