Цæгат Иры гæнæн ис саразой бархионты дæлхайад сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадистæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло банхъардта республикæйы муниципалон иугондтæн æркæсын бархионты дæлхайæдтæ саразыны фарстмæ Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисты тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны регионы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, уыдон ифтонг кæй уыдзысты æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæй.
Республикæйы сæргълæууæг ма бафтыдта, зæгъгæ, фарст æрæмных кодтой Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадимæ.
Пресс-службæйы куыд бахахх кодтой, афтæмæй куысты фыццаг хатдзæгты тыххæй хъуамæ фехъусын кæной майрæмбоны.