Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ. Уастырджи зæд куыд фестади. Рекомы кувæндон

Sputnik
Фыдæлты заманы Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн кувæндон саразын. Кувæндон хъуамæ уыдаид, æмбийгæ чи нæ кæна, ахæм хъæдтæй арæзт. Ахæм хъæды мыггаг та зад æрмæст фæсхох бæстæйы. Уастырджи йæ галтæн бафæдзæхста, цæмæй уыдон хъæдтæ ласой, ныр Рекомы ныхмæ цъити кæм ис, уыцы хохы сæрты. Уæрдæттæ сæхæдæг сæхи дзаг кодтой хъæдтæй, афтæмæй галтæ æнæ сæрылхæцæгæй цыдысты амынд фæндагыл. Хъæдæрмæг иу ран куы акалдтой, уæд галтæ сыздæхтысты Уастырджимæ. Хъæдтæй, адæймаджы къух сæм нæ бахæццæ, афтæмæй сырæзт кувæндон.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.