Хуссар Иры сарӕзтой "ТехСтрой". Уый контроль кӕдзӕн республикӕйы фӕндӕгты гъӕд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны хицауад сарӕзта ног паддзахадон унитарон куыстуат "ТехСтрой", - кӕцы кӕсдзӕн республикӕйы фӕндӕгты гъӕдмӕ.

"Ацы уагдон саразгӕйӕ ма скъуыддзаг кӕнӕм цалдӕр фарсты: фӕфылдӕр уыдзӕн контрольгӕнджыты бӕрн, бахъахъхъӕндзыстӕм куысты бынӕттӕ, кӕцыты штаттӕ ӕвӕццӕгӕн комитеты сӕхгӕндзыстӕм. Мах паддзахадон службӕйӕ рахиздзыстӕм дӕлбаруӕвӕг унитарон куыстуатмӕ", - бамбарын кодта хицауады рабадты автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы комитеты сӕрдар Елдзарты Константин.

Уымӕй дарддӕр ма фӕндагон арӕзтады комитет раразмӕ кодта адӕттын "Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод" сӕудӕджерады комитеты дӕлбарӕй сӕхимӕ.
Гаглойты Алан снысан кодта фæндагон комитеты ног разамонæджы
Елдзарты Константин бахахх кодта, ацы мадзӕлттӕ кӕй сты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг бюджетон фӕрӕзты эффективонӕй хардз кӕнынмӕ хъусдардӕн, кӕцытӕ хицӕн цӕуынц республикон нысаниуӕгджын трассӕтӕ ӕмбӕлон уагыл дарыны нысанӕн.
Уый ма бафиппайдта, заводы рахызт фӕндагон комитеты дӕлбармӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн йӕ кредиткӕнынады фарст дӕр.