ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады къухдариуӕгад ӕмӕ хисӕрмагонд сконд тӕфӕрфӕс ракодтой УГТ фехсты фӕстиуӕгӕн Донецкаг Адӕмон республикӕйы ирвӕзынгӕнӕн уагдоны 13 кусӕджы амӕлӕты фӕдыл.
"Тынг хъыгзӕрдӕйӕ сӕмбӕлдыстӕм Донецкаг Адӕмон республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджыты амӕлӕты хабарыл украинӕйаг ӕфсады фехсты фӕстиуӕгӕн", - дзырдӕуы фыдохы телы.
Фыццӕгӕм сентябры райсомы цыппар сахатмӕ ӕввахс ДАР УУМ къорд, йӕ кусӕгон хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ Краснолимайнаг районы хъӕу Рубцыйы, бахауд артиллерион ӕхсты бын украинӕйаг ӕфсады ӕрдыгӕй. Уый фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 13 адӕймаджы хисӕрмагонд скондӕй, ноджы ма уагдоны фараст кусӕджы та райстой цӕфтӕ. Уыдон иууылдӕр сгоспитализаци кодтой.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.