ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло радта Хъайтардзинады ордентæ сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты хиуæттæн. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Республикæйы разамонæг тæфæрфæс ракодта æфсæддонты бинонтæн.
"Нæ лæппутæ сæххæст кодтой сæ хæслæвæрд кæронмæ – сæ цард ратгæйæ. Уыдон сæхи снывонд кодтой сабырдзинад æмæ рæстдзинадæн. Мах сæ алыхатт дæр сæрыстыр уыдзыстæм æмæ хъуыды кæндзыстæм сæ хъæбатырдзинады тыххæй", - загъта Меняйло.
Уæрæсейы президенты барамындæй Хъайтардзинады ордентæй схорзæхджын кодтой (мæлæты фæстæ): лейтенант Абайты Давид, гвардийы сержант Джиоты Ацæмæз, сержант Найфонты Аслан, сержант Сергей Рогой, кæстæр сержант Гæджиты Тамерлан, кæстæр сержант Бестауты Ацæмæз, кæстæр сержант Базырты Марат, Лазарты Таймураз, Александр Попов æмæ Кирилл Халины.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.