ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. МАГАТЭ-йы дыууæ кусæджы баззайдзысты Запорожаг АЭС-ы, ноджы æхсæз специалисты та уыдзысты станцыл цалдæр боны дæргъы, фехъусын кодта Уæрæсейы минæвар Венайы æхсæнадон организациты цур Михаил Ульянов, фыссы РИА Новости.
"Дыууæ адæймаджы иугæндзон баззайдзысты ЗАЭС-ы. Мах зæрдæмæ уый цæуы, уымæн æмæ æхсæнадæмон организацийы уæвынад аиуварс кæндзæн дам-думтæ ЗАЭС-ы хъуыддæгты фæдыл", - загъта Ульянов.
Уый нæ фехъусын кодта ацы кусджыты нациад æмæ банысан кодта, ацы уавæрты уымæн кæй ис фæрсагон нысаниуæг.
"Уыдон иууылдæр сты æхсæнадæмон чиновниктæ, кæцытæ сты æхсæнадæмон службæйыл. Сæ разы лæууы æрмæстдæр техникон хæслæвæрдтæ, уыдон хъуамæ аргъ кæной ядерон æдасдзинады къабазы хъуыддæгтæн æмæ саразой станцы ядерон æрмæджыты инвентаризаци", - бахахх кодта Ульянов.