Шойгу фехъусын кодта националистты арф хъахъхъӕнынад атоныны тыххӕй Донбассы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу селекторон ӕмбырды фехъусын кодта, уӕрӕсейаг ӕфсад ДАР ӕмӕ ЛАР тыхты ӕххуысӕй кӕй атыдтой Украинвӕйы Гарзджын тыхты хъахъхъӕнынад Донбассы.
"Фӕстаг дыууӕ къуыри Уӕрӕсейы Гарзджын тыхттӕ Донецкаг ӕмӕ Луганскаг адӕмон республикӕты адӕмой милициты дӕлхайӕдтимӕ иумӕ райстой сӕ контрольмӕ УГТ хъахъхъӕнынады егъау центр цӕрӕн пункт Пескийы. Атындӕуыд националистты арф ӕмӕ инженерон фарсӕрдыгӕй цӕттӕ хъахъхъӕнынад", - хъусын кӕны РИА Новости хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ.
Фӕстӕмӕ алӕуды рӕстӕджы украинӕйаг ӕфсад ныууагъта хӕцӕнгарз ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты егъау нымӕц. Шойгу бахахх кодта, цӕфтӕн уӕрӕсейаг ӕфсӕддон дохтыртӕ кӕй бакодтой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг медицинон ӕххуыс.
МАГАТЭ ныууадздзæн йæ кусджыты Запорожаг АЭС-ы
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.