МХМ райста æрвыл суткæйы хъахъхъæнынадмæ Хуссар Иры ахуыргæнæндæттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 сен - Sputnik. Милицийы къордтæ райстой æрвыл суткæйы хъахъхъæнынадмæ Хуссар Ирыстоны ахуыргæнæндæттæ, цы ран къуырисæры райдыдта ахуыры аз, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны 5 сентябрæй нысан кæнынц Зонындзинæдты бон, сæ дуæрттæ байгом кодтой 56 скъолайы, ХИПУ æмæ цалдæр ахуыргæнæндоны. Ахуырадон уагдæтты уагъд цæуынц бæрæгбонон линейкæтæ. Ацы боны хæдразмæ мидхъуыддæгты органтæ рахызтысты службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ, МСНК сапертæ æмæ кинологтæ та басгæрстой ахуырадон уагдæттæ иууылдæр.
"МХМ бæстыхайы раз ауагътой инструктаж кусджытæн, кæцытæ архайдзысты æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныныл Зонындзинæдты бон. МХМ дæлхайæдты цæттæдзинад басгæрста æхсæнадон æдасдзинады милицийы къухдариуæгад. Райсом аст сахатæй республикæйы мидхъуыддæгты органты кусджытæ архайынц барадон фæтк хъахъхъæныныл", - банысан кодтой МХМ.
Хуссар Ирыстоны 2018 азæй ахуыры аз райдайы 5 сентябры Беслæны трагедийы амæттæгтыл фыдохы тыххæй.