Литературон æвзагæн йæ сæйраг хæс у нацийы æрбангом кæнын. Уыцы хъуыды уыди Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæм, цæмæй æнæмæнгæй дæр сарæзтаиккой иумæйаг литературон æвзаг, куыд административон, афтæ зонадон æгъдауæй дæр. 5 сентябры 1927 азы Цæгат Ирыстоны обкомы партийы бюро Хуссар Ирыстоны минæвæрттимæ иумæ æрцыдысты иу хъуыдымæ æмæ райстой уынаффæ "Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны иумæйаг литературон æвзаджы тыххæй".
Уыцы темæйыл ма цыд ныхас 1924 азы дæр, фæлæ йæ уæд нæ аскъуыдздзаг кодтой. Бюройы минæвæрттæ сбæлвырд кодтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны культурæйы кусджыты иумæйаг съезды уынаффæ, ацы фарстайы фæдыл æмæ бахастой чысыл ивындзинад: дыгурон скъолаты сифтонг кæнын æнæмæнгхъæуæг ахуыргæнæн чингуытæй мадæлон æвзагыл, газет "Рæстдзинад"-ы фарстыл та бауадзын параллелон æгъдауæй дыууæ диалектыл дæр материалтæ мыхуыр кæнын, ома дыгуронау дæр æмæ иронау дæр.
1927 азы дыууæ Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæн сæ къухы бафтыд ирон литературон æвзаджы фарста æрбиноныг кæнын. Уыцы конференцийы сæйраг нысаниуæг уыд Тыбылты Алыксандыры раныхасæн æмæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ Къостайы уацмысты æвзаг хъуамæ суа ирон литературон æвзаджы бындур. Ныхас цыдис дыгурон диалекты тыххæй дæр, Гуырдзыбекты Бласкæ æмæ Малиты Гиуæрги дæр стыр куыст бакодтой æмæ куыд архаикондæр уымæ гæсгæ равзарæм дыгурон диалетк куыд литературон æвзадж бындурæн. Уæддæр фылдæр хъæлæс райста Къостайы уацмысты æвзаг.
Банысан кæнын хъæуы уый æмæ абон цы алфавитæй пайда кæнæм, уыцы афтавит уæд нæ уыдис. Къоста пайда кодта 36 дамгъæйæ конд алфавитæй, нырыккон ирон æвзаджы пайда кæнæм 43 дамгъæйæ. Ирон æвзаджы проблемæтæй иууыл сæйрагдæрыл нымад сты орфоэпион хицæндзинæдтæ. Уымæн æмæ "ц"-гæнаг ныхасыздæхтыл чысайнæгтæ дзурынц, фæлæ уый нæ нысан кæны æмæ у литературон, уымæн æмæ цъыбырт дзырд кæнынц æмхъæлæсонтæ "ц" æмæ "дз" æмхъæлæсонтæ æмæ ацы мыртæ афтæ дзурын та нæу нымад литературон нормæйыл.
Ныры рæстæджы сывæллæтты ныййарджытæ катай кæнынц, зæгъгæ уырыссагау æмæ англисагау куы нæ зона сывæллон, уæд йæ фæндаг куыд ссардзæн царды. Фæлæ уæды дуджы интеллигенцийæ мах абон Гаглойты Рутенæн кувгæ кæнæм, Тыбылты Алыксандрæн та кад. Уыдонæн ныры дуджы уавæртæ нæ уыд, фæлæ базыдтой уырыссагау дæр æмæ фесты университеттæ дæр, æрыздæхтысты фæстæмæ æмæ тырныдтой, цæмæй ирон æвзаг райрæза. Уыдон тынг хорз æмбæрстой ирон æвзаг кæй у сæ удварн, сæ зæрдæ, сфæлдыстадон ратæдзæн æмæ йыл тынг зæрдиагæй бакуыстой. Æвзаг цардис, уымæн æмæ æппæт адæм дзырдтой иронау. Ирыстоны ахуыр фæсивæд уæхскуæзæй æрæвнæлдтой дзæвгар саразинаг ахсджиаг проблемæтæм: программæтæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ æппæт дисциплинæтæй дæр иронау; терминологион дзырдуæттæ, литературон æвзаг æрбиноныг кæнын æ.а.д. æрмæстдæр химийæн не ᾿рцыд арæзт терминологон дзырдуат, иннæтæн се ᾿ппæт дæр уыдысты арæзт. Скъолаты дæр ахуыр цыдис иронау.
Ныры рæстæджы нæм цы ирон æвзаг ис, уый тынг хицæн кæны раздæры æвзагæй. Æвзаджы цæугæ процессты æмæ социалон фæзындты ʻхсæн та ис тынг æнгом бастдзинад, уымæн æмæ сæ ʻвзаг ӕвдисы æххæстæй, фæлтæртæм та хæццæ кæнынц фыст текстты фæрцы. Æрхæссæм дæнцæгæн иу чысыл текст цыран æвдыст цæуы чызгæскъæфты рæстæджы ныхас.
"Уæ мæнæ хорз мыггаг, уæ фыдæлтæ дæр адæмы ʻхсæн лæгтæ уыдысты æмæ хорз дзуаппытæ лæвæрдтой, ныр сымах дæр уæ фыдæлты кардæй рариуыгътат, æмæ уæ мах куыд фæбузныг стæм, афтæ уæ стыр Хуыцау фæбузныг уæд. Хъæубæстæн дæр аргъ скодтат, уæхицæн та кад скодтат…", "Сымахæн æгъдау уæ фыдæй баззад, æмæ хуыцау афтæ саккаг кæнæд, уыцы хорз уæ къухтæй куыд никуы ахауа. Мах арфæ кæнын нæ фæразæм, фæлæ уын Хуыцау раарфæ кæнæд, мах хорз адæмыл чи банымадта æмæ нын аргъ чи скодта. Мах алы хъæутæй стæм æмæ ацы хорздзинад радзурдзыстæм алы хъæуы, уыцы мыггаг ахæм æгъдауджын сты, зæгъгæ. Фæлæ мах та уый курæг стæм сымахæй æмæ, дзуапп кæм раттат, уым уæ дзурæг лæгты дæр куыд сбæрæг кæнад абоны бон" (Къарджиаты Б. "Ирон æгъдæуттæ". Дзæуджыхъæу, 1991г).
Æрхæсгæ чысыл скъуыддзагæй зыны, канд нæ фыдæлты уæздандзинад, стыр куырыхондзинад, арф миддуне æмæ хъуыдыкæнынад нæ, фæлæ ма æвзаджы аив æмæ хъæздыгдзинад. Абарæм æй абоны ирон æвзагмæ: "Бахатыр нын кæнут нæ рæдыд. Мах дæр нæ фæндыд, цæмæй хъуыддаг афтæ уыдаид, фæлæ ацы кæстæртæ нал хъусынц, сæхи куыд фæнды, афтæ аразынц. Еныр цы ʻрцыдис, уымæн раздахæн нал ис æмæ сын ныххатыр кæнут. Нæ кæстæртæ кæрæдзи уарзынц, æмæ махæн дæр фидауынæй дарддæр цы гæнæн ис, æмæ уæ курæг стæм, цæмæй нæ хъуыддаг бакæнæм сабырæй. Еныр сæ фæнды (скъæфджыты) цæмæй чындзæхсæв скæной æмæ кæд сымах дæр фæнды уæ чызгæн чындзæхсæв аразын, уæд баныхас кæнæм æмæ нæ хъуыддаг сабырæй æмæ æгъдауыл аскъуыддзаг кæнæм". Ацы чысыл скъуыддзагæй та зыны дзурæджы уæлæнгай хъуыдыкæнынад, фæлурс æмæ кадавар æвзаджы миниуджытæ.
Нæ тыхсдзинады сæр ма хъуамæ уа Хуссар æмæ Цæгат Ирæн цæмæй уой æмхуызон нормæтæ фонетикæйы, орфографийы, морфлогийы æмæ синтаксисы дæр.
Нæ зонады фæзындис хъуыдытæ, зæгъгæ дыгурон диалект саразæм куыд литературон æвзаг. Фæлæ цæмæй диалект æвзаг суа, уый тыххæй дзы хъуамæ фæзына бирæ хицæндзинæдтæ, куыд фонетикæ, афтæ морфологи, лексика, æмæ синтаксисы дæр. Ирон æмæ дыгурон диалекты ᾿хсæн ис хицæндзинæдтæ, фæлæ не сты арф. Зæгъæм, Гуырдзыстоны ис æртæ æвзаджы: гуырдзиаг, мегрелаг æмæ суайнаг æвзæгтæ æмæ уыдон кæрæдзи бынтондæр не ᾿мбарынц. Ирон æвзаджы дыууæ диалеты ᾿хсæн ахæм уавæр нæй. Цæгаты Ирыстоны дыгурон диалектыл ис мыхуыр дæр, зарджытæ дæр, телеуынынады алæвæрдтæ, чингуытæ, фæлæ йын паддзахадон статус нæй. Куы йын фæзына ахæм статус, уæд паддзахад дæр дих кæны. Къуыдайраг ныхасы здæхт та бирæтæ хонынц диатект, фæлæ йæ зонадон æгъдауæй куы раиртасæм, уæд афтæ нæу. Литературон æвзаг хъуамæ уа иумæйаг.
Нæ фæсивæд ирон æвзаг кæй нæ зонынц, уый у факт. Йæ хос та у иронау чингуытæ, газеттæ кæсын, алæвæрдтæм кæсын, хъусын радиомæ. Иннæ диссаг та уый у æмæ абон нæ æмбæстæгтæн бирæтæн нæхи телеуынынад не ᾿вдисы.
Цæмæй ирон æвзаг райрæза, уый тыххæй хъæуы:
Тагъд рæстæджы ирон æвзагæн саразын программæ фонологийæ ныхасы культурæмæ.
Хъæуы паддзахадон æмвæзадыл саразын терминологон къамис.
Астæуккаг скъолаты фыццаг къласæй ирон гуманитарийы дисциплинæтæ амонын хъæуы ирон æвзагыл (музыкæ, алфамбылай, ныв кæныны куыст, технологи, Ирыстоны географи, Ирыстоны истори, нацтрадицитæ).
ПБЗУ ХИЗИИ-ы бакæнын хъæуы зонадон-педагогон хайад (хæс: программæтæ, методикон бацамындтытæ, ахуыргæнæн чингуытæ, скъолайæн уæлæмхас æххуысы æрмæг æ.æ.ах.).
Ирыстоны дыууæ хайы минæвæрттæй саразын хъæуы терминологон къамис, кæцы æмбæлон æгъдауæй нал архайы 1937 азтæй.
Саразын хъæуы компьютерон технологи, цæмæй ирон æвзаг æххæстæй бахиза нæ дуджы информацион системæмæ.
Тæлмац кæныны факультет ХИПУ-ы æрцæуæд ногæй гом 2017 аз.
Саразын хъæуы ирон æвзаджы академион курс.
Сахуыр кæнын хъæуы аив литературæйы зонадон, публицистон æмæ дзургæ ныхасы стилистикон æмæ публицистон фæрæзтæ. Уыцы куысты бындурыл арæзт æрцæуæд хуыздæр хуызæгты рекомендацитæ.
Симпозиумтæ æрсидын ирзонады минæвæртты хайадистæй, сæ ног зонадон фæстиуджытыл æрдзурынæн.
Ирзонады энциклопедион бæрæгуат саразынæн цæттæгæнæн куыст бакæнын.
"Ирзонады — ахуыртæ"-ы бæрæгуат мыхуырмæ бацæттæ кæнын. Ирон æвзагыл ралæвæрдты рæстæг фæфылдæр хъæуы æмæ дзы ныхас кæнæд: аргъæуттыл, таурæгътыл, нарты кадджытыл, нарты эпос сахуыр кæныныл зонадон цæстæнгасæй, ирон национ культурæйыл, истори, этнологи, археологи æмæ психологийыл.
Ирон ахуырты, ирон фысджыты ногæй рацæугæ чингуыты пропагандæ кæнын радио, телеуынынад æмæ газетты, журналты фæрстыл.
Æмæ ма ныры рæстæджы ирон æвзаг бахъхъæныныл куы дзурæм, уæд иу хуымæтæг хъуыддаг хъуамæ бамбарæм - йæ фыццаг хос у иронау дзурын.
Битарты Зоя, ХИПУ-йы ирон филологийы кафедраейы профессор, филологон зонæдты кандидат, ХИЗИ-йы хистæр зонадон кусæг, ахуырадон нымæрдар, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат.