Уæрæсейаг минæварады цур Кабулы æрцыд срæмыгъд, бахъыгдард сты дипмиссийы кусджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 сен - Sputnik. Дыууæ уæрæсейаг æмбæстаджы – дипломат æмæ минæварады хъахъхъæнæг – бахъыгдард сты УФ минæварады раз срæмыгъды фæстиуæгæн Кабулы, фехъусын кодта РИА Новости.
Срæмыгъд æрцыд Кабулы районы, цы ран ис УФ минæварады бæстыхай Афганистаны. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, срæмыгъды фæстиуæгæн 15-20 адæймаджы бахъыгдард сты кæнæ фæмард сты.
2021 азы августы змæлд "Талибан" бацахста Кабул æмæ фехъусын кодта хицауадон æфсæдтимæ хæсты фæуды тыххæй. 31 агвусты æхсæвы америкæйаг æфсæддонтæ ацыдысты Кабулы аэропортæй, уый фæдыл фæцис Америкæйы 20-азон æфсæддон уæвынад Афганистаны.