Милици ссардта Цхинвалы дыууӕ дуканийы тобӕгонд экергетикты сӕдӕгай банкӕтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ссардтой Цхинвалы дыууӕ хӕлцадон дуканийы тобӕгонд энергетикон нозт "Flash Energy"-йы 310 авджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Фӕткхалджыты ныхмӕ сарӕзтӕуыд административон ӕрмӕджытӕ РХИ закон "Æнæалкоголон æмæ лæмæгъалкоголон нозты æрбаласт, рауагъд, парахат æмæ реализацийыл тобæйы фæдыл"-ы 4-ӕм статья фехалыны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны энергетикон нозты реализацийыл тобæ сæвæрдтой 2012 азы. Фæткхалджыты фæдыл законмæ гæсгæ нысангонд у ивар административон фехæлды æрмæджыты конфискациимæ.
Хуссар Иры скуынæг кодтой конфискацигонд энергетиктæ – МХМ