Хур арты куы басыгъд

13. Иры сæрыл тохы гæпп. Иры фидæны чысыл ныфс Габе

Sputnik
Мате йе ᾿фсадимæ цæстыфæныкъуылдмæ горæты иннæ кæрон фестад. Аскъуыдта æрдæгыл, Цхинвалы мидæг цы гуырдзиаг æфсæддонтæ уыд, уыдоны. Матейы ᾿фсадæн бантыст суанг Гуры онг бабырсын. Иры хуссары зæхх ссæрибар кодтой гуырдзиаг удмарты ᾿фсадæй. Дзуццаты Арсен та суанг Душетæй Мцхетайы онг фæсырдта знаджы æфсæдты. Цхуырбаты Габо Карелы онг басырдта гуырдзыйы ᾿фсад, уым бынæттон ирæттæ йе ᾿фсадимæ баиу сты æмæ Боржомæй суанг Кутаисы онг ахъæр ис Ирон фæдис.
Чысыл Габæ æмæ Иры сыгъд хъæуты сидзæр сывæллæттæ сæ радон райсомыл сæмбæлдысты хъæды. Цæугæдоны хъæлæбамæ ницы хъуыстой, фæлæ зæрдæ фыдбылыз куы рахатыд, уæд Габе скаст уæлæмæ æмæ йæ фæдыл иууылдæр скастысты. Лидзыныл дæр нæ хъуыды кодтой, кастысты тарст цæтсытæй удмарджытæм. Фæлæ фæцыд пулеметы къæр-къæр æмæ удмарджытæ радгай кæлын райдыдтой уæлейæ дæлæмæ. Æхсар, Таймураз æмæ ноджы цалдæр лæджы пулеметтимæ лæууынц æмæ сæ сæрмæ тырыса дымгæмæ хъазы. Уыйадыл сидзæр сывæллæттæ мæлæтæй аивæрзтысты. Фæлæ Ирыстонæн аивæрзæн нал уыд…
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Бежанты Æхсары чиныг "Хур арты куы басыгъд".