ХИПУ студенттӕ хайад райстой "Уӕлахизы диктанты"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 сен– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд "Уӕлахизы диктант". Ӕппӕтуӕрӕсеон акцийы хайад райстой уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны 60 студенты.
Мадзалы райдайӕны студентты раз раныхас кодта Россотрудничествойы минӕварады хистӕр Сергей Скворцов. Уый банысан кодта, ивгъуыд ӕзты Хуссар Ирыстоны диктанты архайджытӕ хорз кӕй сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, уый фӕстӕ райстой зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ дипломтӕ.

"Диктантӕн ис егъау нысаниуӕг, уый канд зонындзинады фӕлварӕн нӕу, фӕлӕ йын ис егъау иугӕнӕг мидис дӕр Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн", - загъта университеты ахуыргӕнӕг Джиоты Циала.

Диктант ацыд ХИПУ-йы, йӕ архайджытӕ фыстой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ дыууӕ аудиторийы.
"Фыццаг хатт дзы исын хайад, мӕхи дӕр цымыдис кӕны куыд ныффысдзӕн", - загъта студент Ӕлборты Владимир.
ХИПУ студенттӕ хайад райстой "Уӕлахизы диктанты"
Ӕппӕтуӕрӕсеон историон акци Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕдыл цӕуы 2019 азӕй фӕстӕмӕ. Фыццаг хатт йӕ архайджытӕ систы 24 бӕстӕ минӕвӕрттӕ 150 минӕй.