ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik. Полицийы кусджытӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы 20 азы размӕ Хуссар Ирыстоны лӕг амарыны хъуыддаджы. Ныридӕгӕн скъуыддзаг цӕуы йӕ экстрадицийы фарст, хъусын кӕны РИА Новости, УФ МХМ официалон минӕвар Ирина Волкыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Банысангонд ӕрцыд, фыдгӕнӕг 2001 азы Цхинвалы кӕй фехста йӕ зонгӕйы. Амарыны цауы фӕдыл хуссарирыстойнаг барадхъахъхъӕнджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг. Фыдгӕнӕг йӕхи бааууон кодта, уый радтой ӕхсӕнпаддзахадон агуырдмӕ.
Волк бафтыдта, фыдгӕнӕг кӕй кодта ӕмбӕхсгӕ цард, ивта йӕ телефоны номыртӕ, цӕрӕн бынӕттӕ Краснодары крайы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны.
"Уый ӕрцахстой Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ йӕ дарддӕры равзӕрсты тыххӕй бакодтой полицийы радгӕсон хайадмӕ. Ныридӕгӕн скъуыддзаг цӕуы Хуссар Ирыстонмӕ йӕ экстрадицийы фарст, цӕмӕй йӕ ӕркӕной уголовон бӕрнмӕ 20 азы размӕ саразгӕ фыдракӕнды тыххӕй", - банысан кодта Волк.