Хуссар Иры снысан кодтой ахуырады ног министры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста бардзырд республикæйы ахуырад æмæ зонады ног министры фæдыл - уый ссис Джиоты Аряна.
Документ мыхуыр æрцыд паддзахады сæргълæууæджы официалон сайтыл æртыццæджы. Уагдоны сæргъ раздæр лæууыд Гасситы Натали.
Джиоты Аряна ныры онг куыста Цхинвалы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директорæй.